Хуссар Иры хъӕуты иуварс кӕнынц ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕ

Иумӕйагӕй тыхдымгӕ ӕмӕ тӕрккъӕвдатӕй Цхинвалы районы зиан баййӕфтой 15 хӕдзары
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июня — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы коммуналон кусджытӕ райдыдтой цалцӕг кӕнын хӕдзӕрттӕ, кӕцытӕ зиан баййӕфтой тыхдымгӕ ӕмӕ тӕрккъӕвдатӕй 25 майы, фехъусын кодта Sputnik районон администрацийы пресс-службӕ.

Ногӕй та уадтымыгъ: Цӕгат Иры УУМ фехъусын кодта боныгъӕды февзӕры тыххӕй

Ӕрдзон бӕллӕх разиан кодта горӕт Цхинвалы, Дзау ӕмӕ Цхинвалы районы. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дымгӕ нӕ бахъыгдӕрдта горӕт Къуайса, Знауыр ӕмӕ Ленингоры район.

Цхинвалы районы къухдариуӕгад саргъ кодта зианӕн ӕмӕ сарӕзта зианбаййафджыты номхыгъд.

"Куыстытӕ райдыдтой Дменисы хъӕуы. Цыбырты Давиды цӕрӕнуаты уӕлхӕдзар ӕнӕхъӕнӕй ныппырх ис, ӕмӕ уый тыххӕй фыццаг райдыдтой уыцы хӕдзарӕй. Хицауы зӕрдӕмӕ фӕцыд куыстыты гъӕд", - загътой пресс-службӕйы.

Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ сӕхӕдӕг баивынц уӕлхӕдзар, кӕнӕ та сифтонг кӕныныц цӕрджыты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ арӕзтадон ӕрмӕгӕй.