Къæбысты Зæринæ: фотоконкурсы хайадисджытæ равдисынц тынг цымыдисон куыстытæ

Культурæйы министрады адæмон сфæлдыстады центры кусæг Къæбысты Зæринæ къамисджыты конкурс "Хуссар Ирыстон—2019"-ы тыххæй
Sputnik

Культурæйы министрады адæмон сфæлдыстады центр хъусын кæны фæндзæм æппæтреспубликон æрвылазон конкурс "Южная Осетия —2019"-мæ куырдиæттæ исыны тыххæй. Конкурс цæуы æртæ номинацийы, фехъусын кодта Sputnik центры кусæг Къæбысты Зæринæ.

"Конкурсы ис æртæ номинацийы, кæцыты фæлгæтты алкæмæн дæр йæ бон у нывтæ æрбахæссын центрмæ æмæ дзы хайад райсын. Дыууын æхсæзæм августы - Ирыстоны Хæдбардзинады боны - арæзт æрцæудзæн къамты равдыст, кæцыйы рæстæджы жюри рабæрæг кæндзæн уæлахиздзауты æмæ сæ мах схорзæхджын кæндзыстæм дипломтæ æмæ грамотæтæй", - загъта Къæбысты Зæринæ.