Хуссар Иры президент радта ХИПУ-йы студенттӕн сӕрмагонд стипендитӕ

Стипендитӕй дарддӕр паддзахады сӕргълӕууӕг радта призтӕ Ирыстоны историйы фӕдыл президентон конкурсы хайадисджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий майрӕмбоны радта президентон стипендитӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Фембӕлды райдайӕны президент загъта бузныг ахуыргӕнӕндоны ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕн сӕ ахасты тыххӕй ахуырмӕ ӕмӕ банысан кодта ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны ахуырады системӕйы.

"Фӕстиуджытӕ мах уынӕм республикон, ӕппӕтуӕрӕсейон ӕмӕ дунеон олимпиадӕтыл. Зонындзинӕдтӕн та райдыдта кад кӕнын нӕ ӕхсӕнад", - загъта Бибылты Анатолий.

Президент ӕрсидт алкӕмӕдӕр, цӕмӕй сӕ хъус дарой ахуырад ӕмӕ зонадмӕ.

"Уый у алкӕй хӕслӕвӕрд дӕр, сӕйраджыдӕр та, республикӕ ӕмӕ ХИПУ-йы къухдариуӕгады. Мах уынӕм ахуырадон процессы фӕхуыздӕры тенденци", - бахахх кодта президент.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим ахуыргӕнӕндоны коллектив ӕмӕ студентты номӕй загъта бузныг паддзахады сӕргълӕууӕгӕн университетӕн ӕххуысы тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, президентон стипендитӕ фӕфылдӕр сты 5 мин сомӕй 7 мин соммӕ, фӕфылдӕр сӕ нымӕц дӕр. Ныртӕккӕ ХИПУ-йы президентон стипендитӕ исынц 14 студенты.

"Уый у уӕлӕмхасӕн стимул нӕ студенттӕн. Абон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетӕн ис фадӕттӕ, цӕмӕй размӕ кӕна ахуырадон процесс ӕмӕ зонад", - банысан кодта ректор.

Афтӕ ма абон ХИПУ-йы хатдзӕгтӕ скодтой президентон конкурсӕн "Ирыстоны истори йӕ хъайтары биографийы". Конкурсы хайад райстой ӕрмӕст ХИПУ-йы студенттӕ нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ ӕмӕ республикӕйы скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕ.