Цӕгат Иры ӕрцыд мӕлӕтдзаг ФТЦ

Цауы фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг фӕмард, ноджы дыууӕ зианбаййафӕджы та аластой рынчындонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Цӕгат Иры Чиколайы хъӕуы ӕрцыд мӕлӕтдзаг фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ), хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Хуссар Иры дыууӕ цӕрӕджы фӕмард сты ФТЦ-ы фӕстиуӕгӕн Ручъы тоннелы

Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ BMW X5 хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд ВАЗ 2112 хӕдтулгӕйыл.

Цауы фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг фӕмард, ноджы дыууӕ зианбаййафӕджы та аластой рынчындонмӕ.

Амӕйразмӕ мӕлӕтдзаг ФТЦ ӕрцыд Бесланы. Аварийы фӕстиуӕгӕн 1994 азы гуырд ӕвзонг лӕппу фӕмард. Дыккаг зианбаййафӕджы аластой рынчындонмӕ.