ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар Ирыстоны столицæйы центры бавнæлдтой парк саразыны фæдыл арæзтадон куыстытæм. Улæфæн зонæйы Мæскуыйы æмæ 8-æм июны алвæндаггæрон уыдзæн фонтан дæр, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.
Ацы къуыри бавнæлдтой куыстмæ, сквер фæзындзæн раздæры универмаджы бынаты, кæцы басыгъд 2008 азы августы хæсты рæстæджы.
"Ӕртæ къуыримæ хъуамæ расыгъдæг кæнæм фæзуат зæронд бæстыхайы бынтæй æмæ кæлæнтæй. Нырмæ уал аластам 20 хæдтулгæйы дзаг арæстадон бырон. Территори горæты центры кæй ис, уый тыххæй архайæм арæхстгай", - загътой уагдоны пресс-службæйы.
Уым ма банысан кодтой, ноджы ма иу улæфæн зонæ та фæзындзæн турбазæ "Осетия"-мæ хæстæг.
Архайгæ мэр йæ бынатмæ нысангонд куы ʻрцыд, уæд йæ фыццаг интервьютæй иуы Sputnik радзырдта, йæ бынаты кусгæйæ йæ сæйраг хæстæй иуыл кæй нымайы ног сквертæ æмæ паркты фæзынд.
Ацы куыстытæн финансон фæрæзтæ дих ʻрцыд президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ.