Хуссар Ир - чемпион! Фæцис ЕЧ ConIFA - 2019 Карабахы

Европæйы Чемпионат ConIFA - 2019 –йы финалон хъазт футболæй ацыд Степанакерты. Хуссарирыстойнаг командæ рамбылдта 1:0 хыгъдæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 июн - Sputnik, Гæбæраты Ян. Хуссар Ирыстон æмæ Ныгуылæн Сомихстоны ʻхсæн хъазт 65-æм минутæмæ цыд æмдыхæй, афтæ каст цыма ацы хъазт дæр сфæлхатт кæндзæн Чамериимæ матч, цы ран фембæлд аскъуыддзаг ис æрмæстдæр пенальтиты руаджы.

Фæлæ дыккаг таймы фыццаг хайы хуссарирыстойнаг къорд рахатыд ныхмæлæууæг командæйы хъахъхъæнынады лæмæгъ бынæттæ. Уымæй спайда кодта нæ æрдæгхъахъхъæнæг Бæзаты Ибрагим. Йæ хыгъды уæлахизхæссæг гол ЕЧ ConIFA – 2019-йы финалы

Хуссар Иры командæ рамбылдта йæ фыццаг фембæлд "ConIFA – 2019"-йы

Уый хыгъд, Хуссар Ир фыццаг хатт ConIFA-йæ æрхæсдзæн сæйраг трофей.

Хуссар Иры команда равдыста æцæг иттæг хорз хатдзæгтæ. Ӕмбырдгонд рахызт къорд В лидертæм, нæ хыгъды ис æрмæстдæр иу æмдых фембæлд.

Хуссар Иры командæмæ ацы ерысты бацыд æхсæз-авд хъазæджы раздæры скондæй, уыимæ иумæ хъазджытæ иууылдæр сты Хуссар Ирæй ацæугæ, кæцытæ хъазынц уæрæсейаг клубты.