ЦХИНВАЛ, 10 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты æвзæрстытæ ацыдысты æварæн фадгуыты æнæ фæткхалды цаутæй, хъусын кæны МХМ-ы пресс-службæ.
"Милицийы кусджыты архайды фæрцы æхсæнадон фæтк хæлд не ʻрцыд. Организацион-профилактикон мадзæлттæ æххæст цыдысты министры хъусдарды бын, - дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Иры ацыдысты æвдæм æрсидты парламентон æвзæрстытæ. Хъæлæсæппæрт цыд 77 æвзарæн фадыджы. Парламент фидаргонд æрцæудзæн æмхæццæ мажоритарон-пропорционалон системамæ гæсгæ. Уæвгæ 34 бынаты æмбис æвзæрст æрцæудзæн иумандатон зылдтæм гæсгæ, аннæтæ уыдзысты партийы номхыгъдтæй.