Президент раарфæ кодта Тотоонты Александрæн ног бынатмæ снысаны фæдыл

Ирон политик разамынад дæтдзæн Мæскуыйы ирон æхсæнады советæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июн – Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта Тотоонты Александрæн Мæскуыйаг ирон æхсæнады советы сæрдары бынатмæ снысан кæныны фæдыл. Паддзахады разамонæджы уырны, уый къухдариуæгадæй æхсæнад кæй рахиздзæн размæцыды ног æмвæзадмæ, хъусын кæны президенты сайт.

"Цытджын Александр Борисы фырт, арфæ дын кæнын Мæскуыйаг ирон æхсæнады советы сæрдары бынатмæ снысаны фæдыл. Мæн уырны, ирон национ змæлды размæ лæугæ нысæнттæ - этнос бахъахъхъæныны æмæ Уæрæсейы цæрæг æндæр адæмтимæ æмгуыстад сфидар кæныны нысæнттæ дæ къухдариуæгадæй рахиздзысты ног æмвæзадмæ", - дзырдæуы арфæйы.

Хуссар Иры президент раарфæ кодта Дыгъуызты Зæринæйæн Ростуризмы хистæрæй снысаны фæдыл

Тотоонты Александр куыста Цӕгат Ирыстоны комсомолон, партион ӕмӕ советон органты. 2012 азы ссис Советы Федерацийы сенатор республикӕ Цӕгат Ирыстонӕй. Федерацийы Советы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты ӕмгуыстады къамисы сӕргъ лӕууыд.

Тотоонты Александр уыд Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат, Уӕрӕсейы адӕмты Ассамблейы сӕрдары хӕдивӕг, афтӕ ма Евразийы адӕмты Ассамблейы уӕнг.