Цхинвалы бакодтой фыццаг ирон-уæрæсейаг форум

Форумы бакæныны церемонийы цыт кодтой Хуссар Иры футболон æмбырдгондæн, кæцы рамбылдта ЕЧ ConIFA-2019
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июн - Sputnik, Гæбæраты Элина. Форумы цытджын баконд æмæ футболистæн цыт кæныны церемонитæ ацыдысты Хуссар Иры паддзахадон драмон театры.

Иу уыммæ зал байдзаг ис адæмæй, стыр къухæмдзæгъдæй æмбæлдысты Хуссар Иры æмбырдгондыл, кæцы рамбылда ConIFA.

Цхинвалы бакодтой фыццаг ирон-уæрæсейаг форум

Футболисттæн раарфæ кодта хицауады сæрдар Пухаты Эрик æмæ сын радта æхцайы премитæ

"Ӕхсæнадæмон футболы федераци нæ нымайы кæцыдæр бæстæты, кæцыты фæнды хъазын футболæй. Лæппутæ рамбылдтой Европæйы чемпионат æмæ æрхъастой Кубок. Арфæ уын кæнын ацы рæсугъд уæлахизы тыххæй", - Загъта Пухаты Эрик.

Форумы бӕрӕгбонон баконд райдыдта йæ архайджыты тыххæй видеороликæй,уый фæстæ федтой лазерон шоу, кæцы таурæгъ кодта ирон адæмы историйыл скифты заманæй абоны онг.

Уый фæстæ сценæмæ рахызт Хуссар Иры паддзахадон ансамбль "Симд".

"Уадз æмæ ацы ног хъуыдытæ æмæ нывæзтытæ райсой старт, кæцытæ ахъаз уыдзысты нæ республикæты размæцыдæн. Ныфс мæ ис, ацы бонты кæй ссардзыстут ног хæлæртттæ", - банысан кодта йæ раныхасы фæсивæдон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина.

Цхинвалы бакодтой фыццаг ирон-уæрæсейаг форум

Фæсивæдæн раарфæ кодта кульурæйы министр Зассеты Жанна,уый ма бакаст президент Бибылты Анатолийы ныстуан.

Изæры кæрон цæгатирыстойнаг зарæггæнджытæ Jah-Far & МанТана сæххæст кодтой сæ зарджытæй аккагдæртæ.

Цхинвалы бакодтой фыццаг ирон-уæрæсейаг форум

Уӕрӕсе, ЛАР, ДАР, Днестыргӕрон, Абхаз, Хӕххон Карабах ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдмӕ 11-15 июны ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты семинартӕ, тымбыл фынгтӕ, мастер-класстӕ, спортивон хъӕзтытӕ ӕмӕ цымыдисон баныхас, радзырдтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Цхинвалы бакодтой фыццаг ирон-уæрæсейаг форум