Ӕмгуыстад адарддӕр кӕнын: фӕсивӕдон делегацитӕ Хуссар Иры миссийы тыххӕй

I Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг фӕсивӕдон форумы хайадисӕг делегациты сӕргълӕуджытӕ радзырдтой журналисттӕн сӕ тӕлмӕнтӕ Хуссар Ирӕй ӕмӕ иумӕйаг нывӕзтыты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕйы фӕсивӕд райтынг кӕндзысты ӕмгуыстад, загъта Цхинвалы пресс-конференцийы ЛАР делегацийы сӕргълӕууӕг Роман Олексин, кӕцы ӕрцыд республикӕмӕ ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон форуммӕ.

Ӕмгуыстад адарддӕр кӕнын: фӕсивӕдон делегацитӕ Хуссар Иры миссийы тыххӕй

I Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг фӕсивӕдон форум уагъд цӕуы 11-14 июны. Хайад дзы исынц ӕвзонг адӕм Уӕрӕсе, ЛАР, ДАР, Хӕххон Карабах, Днестргӕрон, Абхаз, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй.

"Мах ӕрцыдыстӕм ахӕм миссиимӕ - адарддӕр кӕнын ӕмгуыстад фӕсивӕдон политикӕ, спорт, культурӕ ӕмӕ туризмы къабӕзты. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, форумы мах уыдоныл лыстӕггай ӕрдзурдзыстӕм ӕмӕ бафысдзыстӕм бадзырдтӕ", - загъта Олексин.

Уый ма банысан кодта, фыццаг хатт кӕй ӕрцыд Хуссар Ирмӕ ӕмӕ бузныг загъта республикӕйы цӕрджытӕн сӕ уазӕгуарзондзинады тыххӕй.

Ӕмгуыстад адарддӕр кӕнын: фӕсивӕдон делегацитӕ Хуссар Иры миссийы тыххӕй

Уӕрӕсейаг делегацийы сӕргълӕууӕг Никита Чекрыгин та банысан кодта, республикӕйы минӕвӕртты кӕй бамбал кӕндзысты алыгъуызон программӕты ӕмӕ ма I Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг фӕсивӕдон форумы дзӕлтты хайадистмӕ. Уый равдыста ныфс, 2020 азы форумы кӕй сараздзысты хицӕн медиа-фӕзуат, цӕмӕй дзы ӕрдзурой Хуссар Ирыстоны культурӕ ӕмӕ рӕсугъддзинады тыххӕй.

Ӕмгуыстад адарддӕр кӕнын: фӕсивӕдон делегацитӕ Хуссар Иры миссийы тыххӕй

Донецкы спорт, туризм ӕмӕ фӕсивӕдон министрады минӕвар Виктор Орехов радзырдта, стыр циндзинадимӕ кӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ.

"Мах, куыд ӕвзонг паддзахад, кӕцы ис ӕфсӕддон конфликты уавӕрты, аразӕм граждайнаг институт ӕмӕ нӕ фӕнды ӕнгом бастдзинӕдтӕ райтынг кӕнын ӕфсымӕрон республикӕты фӕсивӕдимӕ, аразын семӕ иумӕйаг проекттӕ", - загъта Орехов.

Уый ма загъта бузныг хуссарирыстойнаг бархионтӕн, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой Донецкы сабырдзинад хӕсты рӕстӕджы.

I Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг фӕсивӕдон форумы фӕлгӕтты уазджытӕн сарӕзтой экскурси Знауыры районмӕ. Азылдысты Цхинвалы фенддаг бынӕттыл дӕр. Нывӕзты ма ис цалдӕр мадзалы, се 'хсӕн президент Бибылты Анатолиимӕ фембӕлд дӕр.

Ӕмгуыстад адарддӕр кӕнын: фӕсивӕдон делегацитӕ Хуссар Иры миссийы тыххӕй