Саулохты Георгий: нӕ республикӕйы ис бирӕ ӕвзонг шахматисттӕ

Хуссар Иры шахматты федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий радзырдта Уæрæсейы æмбæстæгты V хъæзтыты тыххæй Ханты-Мансийскы
Sputnik

Ханты-Мансийскы 5 июны балхынцъ сты Уæрæсейы æмбæстæгты V хъæзтытæ. Хуссар Ирыстоны æмбырдгонды шахматист райста Ханты-Мансийскы хорзæх иууыл "рæсугъд парти"-йы тыххæй, йæ ныхмæлæууæджы 12 къахдзæфмæ рамбулгæйæ, радзырдта Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы къорды хистæр, шахматты федерацийы президент Саулохты Георгий. Уымæй дарддæр ма базонгæ кодта шахматты федерацийы нывæзтимæ.

"Гобозты Валерийы IV-æм мемориалы ерыстæ уыдзысты ацы мæйы кæрон, уым хайад исдзысты куыд æвзонг шахматисттæ, афтæ ма хистæр кары тыхджындæр шахматисттæ дæр", - загъта Саулохты Георгий.