ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik. Наркоконтролы кусджытæ æрцахстой Хуссар Ирыстоны 37-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы гæн æнæзаконæй зайынкæныны хъуыддаджы, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Банысан æрцыд, цæхæрадоны басгæрсты рæстæджы "ссардæуыд 189 цъæх къутæры гæн".
"Эксперты хатдзæгмæ гæсгæ, басгæрсты зайæгойтæ сты гæн, кæцытæй 166-æн сæ сконды ис наркотикон буарад тетрагидроканнабинол", - дзырдæуы хъусинаджы.
МХМ фæдагурджытæ бакодтой уголовон хъуыддаг статья "Незаконное культивирование растений, содержащих наркотические средства или психотропные вещества либо их прекурсоры"-мæ гæсгæ.
Ацы статьяйы санкцимæ гæсгæ нæлгоймагæн гæнæн ис æмæ лæвæрд æрцæуа æртæ азæй астмæ, банысан кодтой МХМ.