Ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой аст майданы ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Ирыстойнаг спотсментӕ бацахстой дыккаг иумӕйагкомандӕйон бынат турниры, кӕцы ӕрбамбырд кодта 500-йӕ фылдӕр дзюдоисты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Ирыстойнаг спортсментӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты дзюдойӕ ӕппӕтуӕрӕсейон турниры ӕрыгӕтты хсӕн, аст майданы рамбулгӕйӕ, хъусын кӕны РЦИ-А спорты министрады пресс-службӕ.

"Ирон спортсменты хӕзнадонмӕ бацыд ӕртӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ цыппар бронзӕйон майданы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уымӕ гӕсгӕ, ирон дзюдоисттӕ бацахстой дыккаг иумӕйагкомандӕйон бынат турниры, кӕцы ӕрбамбырд кодта 500-йӕ фылдӕр спортсмены.

Турнир уагъд цыд Нальчикы 2006-2007 ӕзты гуырд лӕппуты хсӕн.