Хуссар Иры ставд фосӕн уагъд цӕуы вакцинаци

Ставд фосӕн аразынц "нодулярон дерматит", сыбыраг хъӕдгом ӕмӕ фаднизы ныхмӕ хостӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар иры кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ставд фосы вакцинаци "нодулярон дерматитӕй", фехъусын кодта Sputnik Хъӕууон хӕдзарады министрады фосдард ӕмӕ ветеринарийы хайады хистӕр Тедеты Ацӕмӕз.

Уый банысан кодта, вирусон низы ныхмӕ прививкӕтӕ кӕй сарӕзтой республикӕйы ставд фосы 70 процентӕн.

"Нывӕзтон вакцинаци райдыдта февралы ӕмӕ ныридӕгӕн кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны. Августы кӕрӕттӕм "нодулярон дерматиты" ныхмӕ вакцинаци фӕуыдзӕн, стӕй та ӕрывналдзыстӕм сыбыраг хъӕдгом ӕмӕ фаднизы ныхмӕ хостӕ аразынмӕ. Вакцинаци уагъд цӕуы ӕнӕаргъӕй", - радзырдта Тедеты Ацӕмӕз.

Хъӕууон хӕдзарады министрад хостӕ аразы низты апарахат ма руадзыны нысанӕн.

Низ "нодулярон дерматит" адӕмыл нӕ хӕцы, уый тӕссаг у ӕрмӕст дӕр фосӕн - хъуццытӕн, сӕгътӕн ӕмӕ фыстӕн. Ветеринарон дохтыртӕ 2018 азы Знауыры ӕмӕ Цхинвалы районты кӕцыдӕр хъӕуты сбӕрӕг кодтой рынчын фос, уый фӕстӕ райдыдтой вакцинацион мадзӕлттӕ.