Ӕфсӕддонтӕ аразынц Цхинвалы плац ӕмӕ ангар хӕстон техникӕйӕн

Куыстытӕ цӕуынц Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады территорийыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Цхинвалы раздӕры авиазаводы территорийыл, цы ранмӕ фарон сӕрд дислокацигонд ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады (ХМ) управлени ӕмӕ генералон штаб, аразынц плац ӕмӕ ангар хӕстон техникӕйӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны ХМ пресс-службӕ.

Хуссар Иры ӕфсӕддонты раз ралӕууыд хъахъхъӕнынады министрады ног оркестр

Уагдоны кусджытӕ арӕзтадон техникӕйы ӕххуысӕй халынц раздӕры авиазаводы зӕронд бӕстыхай, йӕ бынаты тагъд рӕстӕджы фӕзындзӕн хӕстрӕнхъон плац.

Фӕлӕ сӕудӕджерадон объекты фидар ӕфсӕн-бетонон каркас халынмӕ нӕ хъавынц, уымӕн сцалцӕг кӕндзысты йӕ агъуыст ӕмӕ дзы дарддӕр пайда кӕндзысты.

"Фидӕны мах фӕнд кӕнӕм ацы объектӕй пайда кӕнын куыд ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты ангар, афтӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Афтӕ ма, бафтыдтой пресс-службӕйы, ӕмрӕстӕджы уагъд цӕуы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон нысаны ӕндӕр объетты хӕрзарӕзтад дӕр.