Европӕйы ацӕудзысты ирон культурӕйы бонтӕ

Ацы азы программӕ нывонд у мадзалы организатор, ассоциаци "Renaissance-Sandidzan"-ы сырӕзтыл дӕс азы сӕххӕстӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Европӕйаг бӕстӕты 19-30 июны радон хатт ацӕудзысты ирон культурӕйы бонтӕ. Ацы азы программӕ нывонд у мадзалы организатор, ассоциаци "Renaissance-Sandidzan"-ы сырӕзтыл дӕс азы сӕххӕстӕн.

"Ирыстон знон, абон, сом": Парижы байгом сты Ирон культурӕйы бонтӕ

Юбилейон мадзӕлтты хайад райсдзӕн Хуссар Иры фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, хъусын кӕны дипуагдоны пресс-службӕ.

Ирон культурӕйы бонтӕ ныр цалдӕр азы фӕд-фӕдыл уадзы ӕхсӕнадӕмон ассоциаци "Renaissance-Sandidzan" (Бельги), кӕцы сарӕзта Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ Пухаты Радион.

"19 июны Брюсселы мадзӕлтты фӕлгӕтты уагъд ӕрцӕудзӕн тымбыл фынг "Ӕмгуыстады хидтӕ" Ирыстон ӕмӕ Европӕйы зонадон ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы хайадистӕй. Афтӕ ма ацӕудзӕн аивадон фильм "Бача"-йы премьерӕ ӕмӕ йӕ автортимӕ фембӕлд. Уымӕй дарддӕр ма бакӕндзысты ирон нывгӕнджыты равдыст дӕр", - дзырдӕуы ФХМ хъусинаджы.

Мадзӕлттӕ адарддӕр уыдзысты 21 июны Люксембургы.