Сыгъзӕрин, ӕвзист, бронзӕ: хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ ӕнтыстджынӕй ӕрыздӕхтысты Сочийӕ

Карз конкуренцимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хуссарирыстойнаг спортсменкӕтӕ ӕрхастой турнирӕй майданты тыллӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ равдыстой хорз фӕстиуджытӕ аивадон гимнастикӕйӕ традицион турнир "Жемчужина Черного моря"-йы, кӕцы цыд горӕт Сочийы, фехъусын кодта социалон хызӕг Facebook-ы йӕ фарсыл РХИ аивадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕй федерацийы президент Цхуырбаты Зема.

Сыгъзӕрин, ӕвзист, бронзӕ: хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ ӕнтыстджынӕй ӕрыздӕхтысты Сочийӕ

Ерыстӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыдысты карз конкуренцийы уавӕрты.

"Программӕ "спорты мастермӕ кандитат"-ы фӕлгӕтты сыгъзӕрин майдан рамбылдта Кокойты Диана. Программӕ "спорты мастер"-ы Плиты Виктория райста ӕвзист. 2013 азы гуырд спортсменкӕты хсӕн ерысты та дыккагг бынат адих кодтой Зассеты Мария ӕмӕ Ӕлборты Лана. 2010 азы гуырд спортсменкӕты хсӕн та бронзӕйон майдан рамбылдта Бикойты Виктория", - радзырдта федерацийы президент.

Турниры сӕрмагонд приз - "Гордость тренера"-йӕ та схорзӕхджын кодтой дыууӕ гимнасткӕйы - Пухаты Валерия ӕмӕ Хуыбылты Анастасияйы.

Сыгъзӕрин, ӕвзист, бронзӕ: хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ ӕнтыстджынӕй ӕрыздӕхтысты Сочийӕ

Цхуырбаты Зема ма банысан кодта, аккаг ралӕудтӕ ма кӕй уыд аннӕ спорсменкӕтӕн дӕр - уыдон бацыдысты хуыздӕр ӕхсӕз гимнасткӕйы номхыгъдмӕ.