Цхинвалы мэрияйы ЦЭК хистæрæй снысан кодтой горæты раздæры хицауы

Хъотайты Алан столицæйы администрацийы сæргълæууæгæй куыста дыууæ азы дæргъы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июн – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы мэр Коцты Алан бафыста барамынд цæрæуатон-эксплуатацион къамисæн (ЦЭК) ног хистæр снысан кæныны фæдыл. Уый ссис столицæйы раздæры хицау Хъотайты Алан, фехъусын кодтой мэрияйы пресс-службæйы.

Дыккаг бæллæх: Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы

ЦЭК раздæры хистæр Хъуылымбегты Роберты йæ бынатæй ссæрибар кодтой ивгъуыд къуыри, бирæуæладзыгон хæдзары агъуыст рæстæгыл кæй не сцалцæг кодтой æмæ донласт кæй фæцис, уый тыххæй.

Ног сæргълæууæг уайтагъд дæр бафæдзæхста йæ коллективы, куыстмæ йын кæй уыдзæн тынг бæрнон ахаст.

"Мах рагæй зонгæ стæм, фыццаг хатт нæ кусдзыстæм иумæ. Зонын æй, куыд бæрнон куыст у, фæлæ мæнмæ ис фæлтæрддзинад æмæ мæ ныфс ис, иумæ кæй æххæст кæндзыстæм нæ хæстæ. Куыст алкæмæй дæр домдзынæн карзæй, фæлæ мæм мачи хъыг кæнæт", - загъта Хъотайты Алан йæ коллективæн.

Тæккæ абон ног хистæр радта йæ фыццаг хæслæвæрдтæ, се 'хсæн ЦЭК территорийыл зиу ауадзын.

Цхинвалы мэрияйы ЦЭК хистæрæй снысан кодтой горæты раздæры хицауы

Хъотайты Алан 2011-2013 æзты куыста Цхинвалы мэры бынаты.