Историйы тугамæст сыф: Хуссар Иры ацыд 13 коммунары мысæн митинг

Хъайтарты номарынмæ æрбацыдысты бæстæйы разамынад, парламенты депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik. Цхинвалы ацыд 13 коммунары мысæн митинг, кæцыты гуырдзиаг меньшевиктæ фыдмитимæ амардтой Згъудеры къуылдымыл 20 июны 1920 азы. Мадзалы хайад райста бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолий, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

Историйы тугамæст сыф: Хуссар Иры ацыд 13 коммунары мысæн митинг

Мысæн мадзалы раныхас кодта президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт, уый радзырдта 13 хъайтары тыххæй, кæцытæ сæ цард радтой Хуссар Иры хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады тыххæй.

"Абон æххæст кæны 99 азы, фæтæрсын кæныны оххыл æнæхæцæнгарз ирон адæмы куы ныццагътой, уыцы боныл. Гуырдзиаг меньшевиктæ хъавыдысты уыдонæн хатыр ракурын кæнын æмæ сæ "рæдыдтыл" басæттын. Уыдонæй иу - Джиоты Андрей - æрсидт меньшевиктæм ахæм рæдыд ма руадзынмæ, æмæ йæ фыццаг амардтой. Цалдæр минуты фæстæ аннæты дæр бабын кодтой залпон æхстæй", - радзырдта Джиоты Мурæт.

Республикæйы президент банысан кодта, Хуссар Иры национ-сæрибаргæнæн змæлдæн кæй ис бирæ хъæбатыр æмæ трагикон датæтæ.

"Ацы трагеди у ирон адæмы геноциды иу эпизод. Сымах æй зонут, мæлæты раз ацы адæм сæ сæр кæй не ʻркъул кодтой. Ахæм эпизодтæ нæ истрийы ис бирæ", - загъта Бибылты Анатолий.

Историйы тугамæст сыф: Хуссар Иры ацыд 13 коммунары мысæн митинг

Уый ма бафтыдта, ирон адæмы тох æнæхъуаджы кæй нæ фæцис æмæ абон Хуссар Ирыстон у хæдбар бæстæ.