Парламенты фыццаг вице-спикер ссис Гасситы Петр

Гасситы Петры кандидатурæйæн схъæлæс кодтой парламентон сессийы рабадты хайадисджытæй 28
Sputnik

ЦХИНВАЛ,  20 июн -  Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты раздæры спикер Гасситы Петр нысан æрцыд закондæттæн органы сæрдары фыццаг хæдивæгæй.

Хуссар Ирыстоны парламент равзæрста ног спикеры

Ацы бынатмæ ма раразмæгонд уыд парти "Ныхас"-æй депутат Бесаты Зита дæр.

Гасситы Петрæн схъæлæс кодтой 28 депутаты, Бесаты Зитайæн - æхсæз.

Абоны рабадтыл ма депутаттæ равзæрстой ног спикеры - уый ссис парти "Иугонд Ирыстоны" раздзог Тадтаты Алан.

Фыццаг сессийыл ма равзардзысты дыууæ вице-спикеры дæр.