Тадтаты Алан: цæттæ дæн алы фракциимæ дæр фæстиуæгджын куыстмæ

Ног спикер ныфс радта архайын æппæт политикон тыхты баиу кæныныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны æвдæм æрсидты парламенты спикер Тадтаты Алан фехъусын кодта, цæттæ кæй у æппæт фракцитæ æмæ хицæн депутаттимæ фæстиуæгджын куыстмæ.

Хуссар Ирыстоны парламент равзæрста ног спикеры

"Алкæмæй дæр бузныг дæн уе ʻууæнчы тыххæй. Мæ бон у зæгъын, æппæт тыхтæй кæй архайдзынæн, парламенты æмæ закорганмæ чи не бахызт, æппæт уыцы политикон тыхтæ иу кæныныл", - загъта Тадтаты Алан.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта, чи йын схъæлæс кодта æмæ йæ кандидатурæйы фарс чи нæ уыд, уыдонæн дæр.

Тадтаты Алан банысан кодта, алкæцы депутатæн дæр кæй ис бар йæхи позици æвдисынæн.