Хуссар Иры басгæрстой Гарзджын тыхты хæстхъомдзинад

Хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ равдыстой хæстхъомдзинады бæрзонд æмвæзад - фехъусын кодтой Хъахъхъæнынады министрады басгæрсты фæстиуджытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik. Хæстхъомдзинады æнæнхъæлæджы басгæрст ауагътой Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты, хъусын кæны республикæйы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Ӕфсӕддонтӕ аразынц Цхинвалы плац ӕмӕ ангар хӕстон техникӕйӕн

"Уагъд æрцыд цалдæр мадзалы хисæрмагонд скондæн фехъусын кæныны æмæ æрæмбырд кæныны фæдыл. Ӕфсæддон техникæ хисæрмагонд сконды бынатмæ бахæццæ кодта рæстæгыл. Аннæ мадзæлттæ дæр ацыдысты æмбæлон æмвæзадыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим байхъуыста плацыл йæ хæдивджыты æмæ дæлхайæдты командирты  докладтæм, сæ размæ лæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ куыд цæттæ сты, уый фæдыл. Уый банысан кодта хæстхъомдзинады бæрзонд æмвæзад. Басгæрсты фæстиуджытыл æрдзурдзысты Гарзджын тыхты генералон штабы.

Афтæ ма хъахъхъæнынадон уагдоны банысан кодтой, хæстон цæттæдзинад сбæрæг кæныны фæдыл басгæрсттæ æхсæв дæр æмæ бон дæр кæй уадздзысты арæхдæр.