Ног старт: Цхинвалы ацæудзæн хæрзаудæн згъорд

Акцийы программæмæ бахастæуыд ахсджиаг ивындзинæдтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik, Гæбæраты Ян. Дыккаг хæрзаудæн згъорд #RunTskhinval 2, кæцы арæзт цæуы фонд "Лæвар базыртæ", информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон æмæ Рог атлетикæйы скъолайы хъæппæрисæй, ацæудзæн республикæйы сæйраг горæты 29 июны, сабаты.

Sputnik балӕууыд хӕрзаудӕн згъорд #RunTskhinval-ы фарс

Ацы инициативæйы та, раздæрау, тынг æхсызгонæй райстой цæрджытæ - хайадисджытæ, се 'хсæн зынгæ гоймæгтæ, сæхи активонæй регистраци кæнынц.

Фонд "Лæвар базыртæ"-йы президент Цхуырбаты Татьяна радзырдта Sputnik пресс-центры акцийы ног уагæвæрдты тыххæй.

"Маршрут уыдзæн, фарон куыд уыд, ахæм - райдайдзыстæм Ногдзауты паркмæ бахизæнæй. Ацы аз нын æххуыс кæны Рог атлетикæйы скъола. Уый нæ сифтонг кодта гæрзтæй, рахицæн нын кодта профессионалон тренерты, кæцытæ сæ хъус дардзысты стартмæ", - радзырдта фонды хистæр.

Хайадисты тыххæй фиксацигонд фиддон, бафтыдта уый, ацы хатт сфæнд кодтой аивын - ныр алчидæр ратдзæн, цас йæ бон у, уыййас.

"Фæрæзтæ ратдзыстæм æвзонг нæлгоймагæн, кæцыйæн сæкæрниз байста йæ цæстырухс. Уый хъæуы зынаргъ операци (7 милуан сомы) Израилы. Йæ бинонтæ æрæмбырд кодтой суммæйы æрдæг, сæ хæдзæрттæ ныууæй кæнгæйæ", - загъта Цхуырбаты Татьяна.

Акцийы кæрон хайадисджытæм æнхъæлмæ кæсынц адджын фынг æмæ концерт.

Акцийы хайад райсыны тыххæй хæуы бадæттын анлайн-куырдиат 28 июны онг æмæ рацæуын регистраци мадзалы бон - 29 июны 09:00 - 09:30 сахатыл Ногдзауты парчы.