Хуссар Иры милици: "Рауагъд-2019" ацыд æнæ фæткхæлдтæй

Бæрæгбонон мадзæлттæ ацыдысты сабыр уавæры æнæ фæткхæлдтæй, дзырдæуы уагдоны хъусинаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ сифтонг кодтой æдасдзинадæй бæрæгбонон мадзæлтты, кæцытæ ацыдысты "Рауагъд-2019"-ы фæлгæтты, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

"Фæткхалæн цаутæ не 'рцыд, бæрæгбонон мадзæлттæ ацыдысты сабыр уавæры æнæ фыдбылызæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ æрæхгæдтой Театралон фæзуат æмæ сæ хъус дардтой автотранспорты змæлдмæ æнæхъæн горæты.