Хуссар Иры æрсидтонты арвыстой запасмӕ

Радон æрсидт Хуссар Иры Гарзджын тыхтæм райдайдзæн сомæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik. Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады ацыд цытджын ралæуд æрсидтонты запасмæ арвитыны нысанæн, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Солдаттæ службæ кодтой ахуыргæнæн ротæйы сконды, кæцы уæвынад кæны Ӕфсæддон городок №1-ы.

РХИ ГТ Генштабы хистæр, инæлар-майор Виктор Федоров банысан кодта церемонийы рæстæджы, фæсивæд се 'мбæстагон æмæ конституцион хæс намысджынæй кæй сæххæст кодтой.

Хуссар Иры æрсидтонты арвыстой запасмӕ

"Сымах бахастат уæ хайбавæрд паддзахадон суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ", - загъта уый.

Генштабы хистæр ма бузынджы ныхæстæ загъта æрсидтонтæн æмæ семæ цы офицертæ куыстой ахуыгæнæн ротæйы сконды, уыдонæн.

"Курын уæ фæхæццæ кæнын уæ ныййарджытæм бузныджы ныхæстæ, Райгуырæн бæстæйæн аккаг фæлтæр кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй", - загъта уый.

Ахуыргæнæн ротæйы иу къорд райстой уагдоны хæрзæхтæ, цалдæрæй та æфсæддон цинтæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады грамотатæ. Кæцыдæрты ныййарджытæн æрвыст æрцыдысты Хъахъхъæнынады министры бузныджы фыстæджытæ.

Хуссар Иры æрсидтонты арвыстой запасмӕ

Радон æрсидт Хуссар Иры Гарзджын тыхтæм райдайдзæн 26 июны. Службæйы æмгъуыд Хуссар Иры у 12 мæйы бæрц.