Райгондӕй нӕ баззад: Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл

Столицӕйы администрацийы сӕргълӕууӕг банысан кодта, сабидӕтты хӕрд кӕй хъуамӕ уа пайдаджын ӕмӕ балансгонд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты къухдариуӕгад уадзы ӕнӕнхъӕлӕджы инспекцитӕ скъолаагъоммӕ ахуырадон уагдӕтты хӕрды гъӕд ӕмӕ бӕрц рабӕрӕг кӕныны нысанӕн, фехъусын кодта Sputnik мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Райгондӕй нӕ баззад: Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл

Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан банысан кодта, республикӕйы къухдариуӕгад цъус фӕрӕзтӕ кӕй нӕ хицӕн кӕны сабидӕттӕн ӕмӕ уыдон хъуамӕ хӕццӕ кӕной адресатмӕ.

"Фыццаг рады, сабиты хӕрд хъуамӕ уа пайдаджын, хъӕзныг ӕмӕ балансгонд", - ӕрхаста Коцты Зӕринӕ мэры ныхӕстӕ.

Пресс-секретарь бахахх кодта, инспекцийы фӕстиуджытӕй мэр райгондӕй кӕй нӕ баззад.

Райгондӕй нӕ баззад: Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл

Сӕйраджыдӕр, фау ӕрхаста медицинон хоты куыстмӕ - уыдон сӕ куысты бынӕтты хъуамӕ уой ӕрвылбон дӕр 8:30-ӕй 16:30 сахаты онг. 

Коцты Алан бахӕс кодта аиуварс кӕнын хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ бафхӕрын аххосджынты.

Райгондӕй нӕ баззад: Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл