Тадтаты Таймураз: ирон лæг кæддæриддæр тох кодта сæрибарыл

Историк Тадтаты Таймураз радзырдта 13 коммунарыл, кæцыты 99 азы размæ нæ басастой гуырдзиаг меньшевиктæ
Sputnik

 Радио Sputnik Хуссар Ирыстоны студийы историк Тадтаты Таймураз радзырдта 13 хъайтары тыххæй, кæцытæ сæ цард радтой Хуссар Иры хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады тыххæй.

"Ахæм æвзæрдзинад макуыуал хъуамæ æрцæуа нæ бæстæйы, æмæ нæ адæм алкæддæр тох кодтой цæмæй нæ Ирыстон райса хæдбардзинад", - загъта Тадтаты Таймураз.