ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik. Хуссар Иры территорийыл цæуы уæлæмхас иммунизаци полиомиелиты ныхмæ, хъусын кæны Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Полиомиелиты ныхмæ прививкæ арæзт цы сабитæн нæй, науæд æххæст вакциналон комплекс чи нæ рацыд, уыдонæн 17 июнæй цæуы уæлæмхас иммунизаци", — дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны ис сывæллæттæ, кæцытæ нæ райстой прививкæ полиомиелиты ныхмæ медицинон æвдисæнтæм гæсгæ, науæд та ныййарджыты фæндæй, бафтыдтой уагдоны.
Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады сидынц ныййарджытæм, кæцыты зæнæгæн арæзт неʻрцыд прививкæтæ, уæлæмхас иммунизацийы рæстæджы бакæнын сабиты Сывæллæтты республикон рынчындонмæ.
Полиомиелит — тæссаг инфекцион низ, кæцы фæзыны вирусæй, бахъыгдары нервон системæ æмæ кæны иумæйаг параличмæ.