Хуссарирыстойнаг армрестлер хайад райсдзæн æппæтуæрæсейаг турниры

Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Асланбеджы мысæн турнир ацæудзæн Дзæуджыхъæуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июн – Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Гасситы Сослан ралæудзæн III Ӕппæтуæрæсейаг турниры армрестлингæй сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты хсæн.

Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат

Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Асланбеджы мысæн турнир ацæудзæн 29 июны Дзæуджыхъæуы, спорты галуан Манеж"-ы, хъусын кæны РЦИ-А спорты министрады пресс-службæ.

Ерыстæ æрæмбырд кæндзысты 200-йæ фылдæр спортсмены Уæрæсейы 27 субъектæй.

Мадзалы организатортæ - Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты министрад æмæ Цæгат Ирыстоны Армрестлингы федераци.