МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ

Сæ нысан у сæ архæстдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik. Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ рацыдысты ахуыртæ тактикон æхстæй цæттæгæнæн полигоны, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Уыдон сфæлвæрдтой сæхи тагъд æмæ нысанмæ æхсынæй æндæр æмæ æндæр бынæттæй æмæ равдыстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ.

МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ

Нысанмæ æхст цыд автомат æмæ Калашниковы пулеметтæй, гранатометтæй, афтæ ма Драгуновы снайперон винтовкæйæ.

Инстукторы ныхæстæм гæсгæ, цæттæгæнæн куысты ацы хаймæ стыр хъусдард здæхт цæуы.

"Професси баст у тасимæ æмæ домы хорз цæттæдзинад, уымæ гæсгæ æдзух хъæуы хи фæлварын. Къорды хицæн кæны тагъд архайдмæ æвзыгъддзинад, уымæ гæсгæ, хъуыды кæнын хъæуы тагъд, æхсын - нысанмæ", - зæгъы инструктор.

Ахуырты нысан у архæстдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ