Хуссар Иры бакодтой цырт Джусойты Нафийæн

Баконды фæстæ цыртмæ сæвæрдтой дидинтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Националон пантеоны зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ фыссӕг Джусойты Нафийæн цытджын уавæры бакодтой цырт. Мадзалмæ æрбацыдысты бæстæйы разамынад, парламенты æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Джусойты Нафийы цырт саразыны фӕдыл ивгъуыд аз расидтæуыд сӕрмагонд конкурс, архайдтой дзы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны нывгæнджытæ. Йӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ се ʻхсӕн хуыздӕрыл банымадтой Бекъойты Аланы куыст. Мемориал бацахста 17 квадратон метры тыгъдад.

Хуссар Иры бакодтой цырт Джусойты Нафийæн

Нафийы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

"Нафи кад йæ бинонты нæ уыд, фæлæ адæмæн. Уый уникалон фыссæг æмæ зондджын адæймаг. Йæ сфæлдыстад ын зыдтой Ирыстоны æддæейæ дæр. Кад йын кодтой æмæ йæ уарзтой Ирыстоны,йæхæдæг та йæ æнкъарæнтæ æвдыста йæ сфæлдысты", - загъта Мелитон.

Хуссар Иры бакодтой цырт Джусойты Нафийæн

Президент Бибылты Анатолий, йæхи рдыгæй банысан кодта, йæ ном никуы ферох кæндзысты цалынмæ уой ирон адæм, уæдмæ.

"Хуымæтæг дзырд "нæхи" хауы Нафи Григорийы фыртмæ. Уый адæмы хъуыдыйы куы æрфидар вæййы, уæд уый у адæмы æцæг хорзæх. Йæ удæгасæй, йæ амалæты фæстæ æмæ алкæддæр мах уый хонæм æмæ хондзыстæм "нæхи Нафи", - загъта паддзахады сæргълæууæг.

Хуссар Иры бакодтой цырт Джусойты Нафийæн

Цырты бакæныны цытджын церемонийы хайа райста Цæгат Ирыстоны делегаци национ ахастыты министр Цуциты Асланы сæргъæлæудæй.

"Уый стыр хайбавæрд бахаста ирон литературæйы размæцыдмæ куыд фыссæг æмæ куыд ахуыргонд та ирон æвзагы сахуыр кæнынмæ. Уый уыд диссаджы ахуыргæнæг æмæ ХХ æнусы ирон адæмы хуыздæр ", - загъта Sputnik Цуциты Асланы.

Хуссар Ирыстоны президенты барамындæй 2017 азы июны сарӕзтӕуыд Националон пантеон. Уæд барамынд бафыссынӕй цалдӕр бон раздӕр Дзӕуджыхъӕуы йӕ цардӕй ахицӕн ирон интеллигенцийы ирд минӕвар, зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ фыссӕг Джусойты Нафи. Фыццаг Националон пантеоны бавӕрдтой Джусойты Нафийы.

Пантеон, кӕцы хауы паддзахадон историко-культурон объекттӕм, ис Цхинвалы ныгуылӕны кӕроны, Тъбеты хъӕумӕ фӕндаджы рахиз фарс. Раздæр ацы бынаты фæнд кодтой саразын Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджыты мысӕнӕн мемориал.