Хуссар Иры делегаци хайад райста тымбыл фынджы куысты УФ Генпрокуратурæйы

Тымбыл фынджы хайадисджытæ æруынаффæ кодтой, слестгæнæн органтæ закон куыд æххæст кæнынц, уымæ прокуророн цæстдардыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци генпрокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы сæргълæудæй хайад райста тымбыл фынджы кусты Уæрæсейы Генералон прокуратурæйы. Дискуссийы темæ уыд слестгæнæн органтæ закон куыд æххæст кæнынц, уымæ прокуророн цæстдард.

"Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы минæвæрттæ банхъардтой æрдзурын прокуророн цæстдардыл слестгæнæн органтæ закон куыд æххæст кæнынц, уымæ. Афтæ ма æруынаффæ кодтой зæрдæмæхсайгæ æмæ азымджынты æхсæнадæмон агуырды организацион фарстытыл", - дзырдæуы уæрæсейаг уагдоны пресс-службæйы хъусинаджы.

Дискусси уагъд æрцыд РХИ æмæ УФ Генпрокуратурæты хсæн æмгуыстады программæйы реализацийы фæлгæтты.