Багаты Марат : фыдæй фыртмæ лæвæрд цæуы бæгæны аразыны æгъдау

Хуссар Иры мидхъуыддæгты министры æххуысгæнæг, бæгæныаразджытæй иу Багаты Марат йæ интервьюйы радио Sputnik радзырдта ацы нæртон нозты сусæгдзинæдты тыххæй
Sputnik

Бæгæны у иууыл рагондæр нозт ирæттæм, бæгæныйæн ис сæрмагонд бынат ирон къæбицы. Рагзамантæй фынгтыл куывтой æрмæст бæгæныйы нуазæнимæ. Ныры рæстæджы нозтмæ райдыдтой æфтауын сæкæр, дзул, алыгъуызон дыргътæ æмæ ахорæнтæ. Æрмæст ма Сӕридты комы ирон бæгæны аразынц æрмæстдæр зад æмæ хуымæллæгæй.

"Фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ йæ аразæм, йæ рецепт та лæвæрд цæуы фыдæй фыртмæ. Йæ фыцыны рæстæджы саразынц хъазт-кафт, зард сцайдагъ вæййы йæ фарсмæ" - радзырдта Багаты Марат.