ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, курдиатджын актерæн ПДТ ацыд мысæн изæр. Йæ хæлæртты мысинæгтæй райгуырд Багаты Георгийы фæлгонц - курдиатджын актер, куыстыл æнувыд лæг, диссаджы юморист, рæстдзинад уарзаг адæймаг, кæцыйы уæззау рæстæджыты бахъуыд суглыггæгæй дæр кусын.
Йæ æмгæрттæ æмæ æмкусджытæ мысыдысты йæ цардæй скъуыддзæгтæ – хъæлдзæг æмæ уæззау хабæрттæ. Мысæн изæры хатæн сфæлыстой йæ спектакльтæй къамтæ æмæ афишæтæй. Равдыстой Беппиты Изольдайы архивæй спектакльты скъуыддзæгтæ æмæ Багаты Георгийы интервьютæ.
Театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан æрдзырдта Георгийы æнувыд ахастыл йæ куыстмæ æмæ ссардта æндæр дзæнæттаг курдиатджын актер Джиоты Асланы ном дæр, кæцы ацы бонты банысан кодтаид йæ райгуырæн бон.
Йæ æмгæрттæ дзырдтой, уæззау низмæ æнæкæсгæйæ Георгий йæ фæстаг тыхтæ дæр дæтта сценæйæн æмæ куыстæн. Бынтон чысылæй йæ цард сиу кодта Остьаты Аланимæ, ацы сфæлдыстадон тандем Кошты Къостайы къухдариуæгадæй райгуырын кодта Хуссар Иры иууыл уарзондæр алæвæрттæй иу - "Сасинка æмæ Ладикъо".
"Мах куы истам фæстаг алæвæрдтæ, уæд уыд тынг рынчын, фæлæ уæддæр йæхи фæндыд кусын. Уазал-иу кодта æмæ иу ауад йæхи хъарм кæнынмæ хæдтулгæмæ. Мæрдтæм дæр ын аргъ кæнын рæстдзинад кæй уарзта, уый тыххæй, йæ мæлæт та мæ уырнгæ дæр нæ кæны", - загъта Остьаты Алан.
Багаты Георгий сценæйыл фæстаг фæлгонц сæххæст кодта "Тугæйдзаг чындзæхсæв"-ы. Уыцы спектаклы равдысты Дзæуджыхъæуы уый рахицæн кодтой сгуыхт артисты номæй.
"Уæззау рынчынæй йæ хъазыд йæ фæлгонц ацы спектаклы, фæлæ йæ сæххæст кодта нывыл. Уый фæстæ ма йæ Цхинвалы ахъазыд, фæлæ йæм ам тых нал уыд", - загъта Быценты Циснари.
Уый ма банысан кодта, актер кæй рацыд уæззау цардвæндагыл,"кæддæрты-иу уый куыста суглыггæнæгæй дæр, цæмæй фæдардтаид бинонты, йæ хырхимæ йæ фенæн уыд Цхинвалы къуымты".
Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Багаты Георгий ахицæн йæ цардæй иу азы размæ 47-аздзыдӕй уӕззау низы фӕстӕ.