Хуссар Иры территорийыл сапертæ ссартой 200 рæмудзæн æрмæджы

Уæрæсейаг центр "Лидер"-ы сапертæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ цыппæрæм хатт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 июл - Sputnik. Уæрæсейы УУМ тæссаг уавæрты ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер" дарддæр сыгъдæг кæны Хуссар Иры территори, басгæрст æрцыд 22,8 гектары, хъусын кæны центры пресс-службæ.

"Размæцæугæ хатдзæгтимæ сгæрст æрцыд территорийы 228 260 м2 (22,83 га) тыгъдад æмæ ссардæуыд 208 рæмудзæн æрмæджы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Центр "Лидер"-ы сапертæ дарддæр сыгъдæг кæнынц Хуссар Иры территори

Тæссаг уавæрты ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер"-ы отряд кусы Зары фæндагмæ хæстæг, сапертæ уыдзысты Хуссар Иры 15 июльмæ.

Уӕрӕсейаг специалисттӕ ныр сты цыппӕрӕм гуманитарон миссиимæ Хуссар Ирыстоны. Уыдон куыстой тӕссаг хӕйттыл ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй республикӕйы территорийы 100 гектарӕй фылдӕр, ссардтой 700 рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй фылдӕр.