Егъау мадзал: Дзæуджыхъæуы ацæудзæн æхсæнадæмон æмхæццæ хъæбысхæсты турнир

Ерыстæ æрфысым кæндзæн спорты галуан "Манеж", 14-æм июлы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июл – Sputnik. Дзæуджыхъæу йæхи цæттæ кæны æхсæнадæмон æмхæццæ хъæбысхæсты турнир саразынмæ. Ерысты уæрæсейаг спортсментимæ иумæ архайдзысты Турчы æмæ Ираны минæвæрттæ дæр, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Ерыстæ ацæудзысты 14-æм июлы спорты галуан "Манеж"-ы.

Цхинвалы фӕбӕрæг сты хъæбысхæсты республикон турниры уӕлахиздзаутӕ

"Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хыгъды асткъуымон аренæмæ рацæудзысты 12 спортсмены. Се хсæн дунейы чемпион, æмхæццæ хъæбысхæстæй сызгъæрин кубокы хицау Гаджиты Вячеслав", - дзырдæуы хъусинаджы.

Сæ хъусинагæй куыд бæрæг у афтмæй Ирыстоны командæйы сконды ис æвзонг бирæ спортсментæ.

Дзæуджыхъæуы профессионалон турнир арæзт æрцыди республикæйы æмхæццæ хъæбысхæсты федерацийы æмæ спортивон лигæ "Джей-эф-эл Бисултанов"-ы.