Хуссар Иры бирæуæладзыгон хæдзæртты ивынц лифттæ

Лифттæ дзуапп дæтдзысты нырыккон домæнтæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы ног къуыри бавналдзысты лифттæ æвæрынмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты, фехъусын кодта столицæйы мэр Коцты Алан.

"Ӕхсæз лифт æрласдзысты æввахс бонты. Бирæуæладзыгон хæдзæртты лифттæ æвæрын райдайдзысты Джиоты Аланы проспектæй. Ӕвæрдзысты сæ уæрæсейаг специалисттæ. Шахтатæ сты цæттæ, уыдоныл кусынц бынæттон коммуналон службæтæ", - загъта мэр.

Амæй разæй Хусссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта горæты администрацийæн горæты æппæт бирæуæладзыгон хæдзæртты сифтонг кæнын лифттæй.

Фæрæзтæ хицæн æрцыдысты закон "О Государственном бюджете РЮО на 2019 год"-мæ бахæсгæ баххæстгæнинæгты фæлгæтты, уыдон райстой 2018 инвестицион нывæзтæй ма цы баззад, уыцы фæрæзтæй.