Хуссар Иры хъæутæй иуы ивынц ихнад агъуысттæ

Уалдзæджы тыхдымгæ æмæ их разиан кодтой Дзауы районы Ручъы хъæуы дыууæуæладзыгон бæстыхæйттæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Дзауы районы Ручъы хъæуы ивынц дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары агъуыстытæ, кæцыты уалдзæджы кæрон ныссаста их. Уый тыххæй фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

Хуссар Иры хъæутæй иуы ивынц ихнад агъуысттæ

Ручъы хъæуы уæвæг цыппар бирæуæладзыгон хæдзæрттæй 25 майы æрдзон бæллæх разиан кодта дыууæйæн - уым цæры æхсæз бинонтæ.

"Районы администрацийы сæрмагонд къамис саргъ кодта их æмæ тыхдымгæйы зианæн. Хицауад рахицæн кодта фæрæзтæ æмæ районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ бавнæлдтой агъуыстытæ ивынмæ", - хъусын кæны районы хистæр Джиоты Андрейы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Уым ма банысан кодтой, хъæуы иннæ хæдзæрттæ кæй нæ бахъыгдард сты æрдзон бæллæхы рæстæджы.