Цхинвайлаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир

Бекъойты Эдвард финалы къæйных ныхмæлæуды рамбылдта ставрополаг спортсмен Валерий Чижовы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг теннисист Бекъойты Эдвард рамбылдта XVI æппæтуæрсейон турнир уæлыстъол теннисæй Нальчикы, фехъусын кодта Sputnik йæ тренер Джиоты Мириан.

Цхинвайлаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, турнирæн кæд æхсæнадæмон статус нæй, уæддæр дзы Уæрæсейы бирæ регионтæй дарддæр архайдта Азербайджан æмæ Хуссар Ирыстон дæр.

"Бекъойты Эдвард йæ кары категорийы ссис уæлахиздзау, финалы уый рамбылдта къæйных ныхмæлæуды Ставрополы крайаг спортсмен Валерий Чижовы",— загъта тренер.

Спортивон мадзал нывонд уыд наркотикты ныхмæ тохæн, ерыстæ æрæмбырд кодтой 300 спортсменæй фылдæр. Хуссар Иры аннæ минæвæртты рахицæн кодтой сæрмагонд хорзæхтæй.

Цхинвайлаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир

"Сæрмагонд призтæ райстой нæ хъомылгæнинæгтæ - Джиоты Георгий æмæ Джиголаты Аланæ", - бафтыдта Джиоты Мириан.

Командæ цæттæ кæнынц Джиоты Мириан æмæ Уалыты Ирина.