Хуссар Иры президент "Стыр Ныхас"-ы сæрдарæн: хъæуы архайын иумæ

Бибылты Анатолий æхсæнадæмон змæлды хистæримæ æруынаффæ кодта ирон адæмы актуалон фарстытыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июл - Sputnik. Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий фембæлд æхсæнадæмон змæлд "Стыр Ныхас"-ы сæрдар Къучиты Русланимæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Хуссар Иры президент "Стыр Ныхас"-ы сæрдарæн: хъæуы архайын иумæ

Президент банысан кодта, разамынад æмæ Советы раз лæууынц ахсджийаг фарстытæ, сеʻхсæн ирон культурæ æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнын.

"Нæ разы лæугæ хæстæ сæххæст кæнынæн мах хъæуы архайын иумæ. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны разамынадтæ цæттæ сты алыварсон æххуысмæ нæ размæ лæугæ хæстæ сæххæстæн", - загъта президент.

Уый ма уæлæмхс хъусдард аздæхтæ ирон æгъдæуттæм æмæ бафтыдта Ирыстоны хъæуы цæуын сæ фыдæлты фæндæгтыл.

Хуссар Иры президент "Стыр Ныхас"-ы сæрдарæн: хъæуы архайын иумæ

Къучиты Руслан йæхи рдыгæй бузныг загъта президентæн фембæлды тыххæй.

"Ирыстоны хуссар æмæ цæгатæн ис бирæ фарстытæ, кæцыты хъæуы лыг кæнын иумæ. Уыцы фарстытæ хауынц æгъдæуттæ æмæ культурон бынтæ бахъахъхъæнынмæ. Мах кæрæдзи бамбæрстам Анатолий Ильяйы фыртимæ æмæ бадзырдтам иумæ цæуын нæ нысанмæ", - загъта уый.