Цæгат Иры азы æмбисмæ райгуырд æртæ мин сабийы

Дзæуджыхъæуы Граждайнаг уавæры акттæ фыссæны куыд банысан кодтой, афтæмæй лæппутæ райгуырд сæдæйæ фылдæр чызджытæм абаргæйæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 2019 азы фыццаг æмбисы райгуырд 2789 сывæллоны, хъусын кæны 15 регион.

Цхинвалы азы райдайæнæй райгуырд 26 сабийы

Дзæуджыхъæуы Граждайнаг уавæры акттæ фыссæны куыд банысан кодтой, афтæмæй лæппутæ райгуырд сæдæйæ фылдæр чызджытæм абаргæйæ.

Уагдоны ма фехъусын кодтой иууыл арæхдæр лæппуйы нæмттæ - Давид, Алан, Георгий. Чызджытæн та иууыл популярондæр нæмттæй баззадысты София, Мария, Аланæ.

Уымæй дарддæр ма Цæгат Ирыстоны столицæйы официалонæй сæ ахастытæ сфидар кодтой 890 къайы, ахицæн сты - 491.