Тлийы комы аразынц фӕндаг кувӕндонмӕ

Арӕзтадон куысытӕ ӕххӕст кӕнынц ацы комӕй рацӕугӕ адӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Тлигомы аразынц фӕндаг Атынӕджы кувӕндонмӕ, сыгъдӕг бынат ӕвӕрд у денджызы ӕмвӕзадӕй 2500 метры бӕрзонддӕр.

Фӕндаджы дӕргъ у 7 километр, йӕ фӕтӕн – цыппармӕ ӕввахс.

"Арӕзтад райдыдта 3 июлӕй. Мӕйы ӕмгъуыдмӕ фӕнд кӕнынц рауӕрӕх кӕнын фӕндаг мӕ йӕ сраст кӕнын", - загъта арӕзтады инициатортӕй иу Мӕргъиты Сослан.

Уый ма банысан кодта, арӕзтадон куысытӕ ӕххӕст кӕнынц ацы комӕй рацӕугӕ адӕм.

Тлийы комы аразынц фӕндаг кувӕндонмӕ

"Се ххуысы къух фӕдаргъ кодтой Мӕргъиты Анатолий Хазбийы фырт ӕмӕ Мӕргъиты Анатолий Дионозы фырт, стӕй ма Дзауы районы хистӕр Джиоты Андрей", - загъта Сослан.

Уый ма бафтыдта, ам фыццаг фӕндаг асгӕрстой 1995 азы хъӕуы цӕрджытӕ. Ныридӕгӕн хъӕу сыдзӕрӕг , фӕстаг цӕрӕг ацы ком ныууагъта 2006 азы.

Тлийы комы аразынц фӕндаг кувӕндонмӕ