Зæронд ног редактор: Гæбæраты Юрий æрбаздæхт "Хурзæрин"-мæ

Президент "Хурзæрин"-ы сæйраг редакторы бынатæй ссæрибар кодта Бязырты Роланды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд ирон æвзагыл иунæг газет "Хурзæрин"-æн ног редактор снысан кæныны фæдыл. Ацы бынатмæ æрбаздæхт газеты раздæры къухдариуæггæнæг Гæбæраты Юрий.

Рæстæгимæ æмдзу: газет "Южная Осетия" скусын кодта ног сайт

Барамынд ныммыхуыр кодтой майрæмбоны президенты официалон сайтыл.

"Снысан кæнын Гæбæраты Константины фырт Юрийы газет "Хурзæрины" сæйраг редакторæй. Указ йæ тыхы бацæудзæн йæ бафыстæй фæстæмæ", - дзырдæуы документы.

Фæстаг фондз азы Гæбæраты Юрий уыд парламенты депутат парти "Иугонд Ирыстонæй".

Ноджы ма иу барамындæй бæстæйы сæргълæууæг ссæрибар кодта "Хурзæрин"-ы сæйраг редакторы бынатæй Бязырты Роланды, кæцы къухдариуæг кодта газетæн Гææраты Юрийы фæстæ.