Хуссар Иры театр æвæры спектакль "Ӕфхӕрдты Хæсанæ"

Ирон литературæйы иууыл зындгонддæр уацмыстæй иу хуссарирыстойнаг сценæйыл сæвæрдзæн æрхонгæ режиссер
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры бавнæлдтой Къубалты Александры поэмæ "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-мæ гæсгæ спектаклы репетицимæ. Ирон классикон литературæйы ахадгæ æрмæгыл кусы Дзæуджыхъæуæй æрхонгæ зындгонд режиссер Бекъойты Роза, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.

Спектакль бавдисдзысты ног театралон сезоны, йæ баконд нысан æрцыд октябрьмæ.

"Фæлгонцтæ дих ʻрцыдысты, актертæ кусынц сæ рольтыл", - загътой пресс-службæйы.

"Ӕфхӕрдты Хæсанæ" у ирон классикон литературæйы зындгонддæр уацмыстæй иу, æвдыст дзы цæуы Ирыстон феодалон заманы æмæ тугисыны æгъдау. Поэмæйы бындур ссис адæмон таурæгъ.

"Ӕз ус нæ курын": паддзахадон театр хоны ног комедимæ

Спектакль суыдзæн фæстаг æзты æвæрд æрмæгæй цыппæрæм, цы ран спайда кодтой ирон литературæйæ ис уацмыстæй.

"Комедитæй дарддæр фæстаг æзты сæвæрдтой ирон литературæйы цыппар ахадгæ уацмысы. Театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан сæвæрдта дыууæ трагеди "Ныййарæджы кадæг" æмæ "Фатимæ", уый размæ та режиссер Тъехты Уасил сæвæрдта "Тугæйдзаг чындзæхсæв", - бафтыдтой пресс-службæйы.

Ныридæгæн театр ис сæрдыгон улæфты.