Сохиты Тугъан Стыр театры артисттимӕ ралӕууыд ӕнӕаргъ концертимӕ

Артистты ралӕуд ауыд ӕхсӕнадӕмон фестиваль "BMW Опера без границ"-ы фӕлгӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik. Мӕскуыйы центры, Театралон фӕзуатыл ацыд Стыр театры оркестр ӕмӕ оперон труппӕйы концерт Сохиты Тугъаны къухдариуӕгады бын, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

"Ӕз ус нæ курын": паддзахадон театр хоны ног комедимæ

Программӕйы уыдысты зарджытӕ "Кармен", "Набукко", "Турандот", "Богема", "Иоланта" оперӕтӕй ӕмӕ балет "Щелкунчик"-ӕй.

Артистты ралӕуд ацыд ӕхсӕнадӕмон фестиваль "BMW Опера без границ"-ы фӕлгӕтты, кӕцыйы концерттӕ ацыдысты Лондон, Берлин ӕмӕ Мюнхены.

Сохиты Тугъан у нырыккон дунеон культурӕйы ирд стъалы. Уӕрӕсейы Стыр театры сӕйраг дирижер ӕмӕ музыкалон разамонӕгӕй йӕ снысан кодтой 2014 азы январы. Ӕмгуыстад кӕны Швеци, Франци, Финлянди, Вена ӕмӕ Франкфурты оркестртимӕ, афтӕ ма Ла Скалайы театры оркестр, Борнмуты симфонион оркестр ӕмӕ Бавараг паддзахадон оперон театры оркестримӕ.