ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстон йæхи цæттæ кæны традицион культурон-ахуырадон мадзал "Этнолагерь-2019" райсынмæ. Ирыстонмæ æрцæудзысты 9 бæстæйы минæвæрттæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Этнолагеры архайджытæн сараздзысты экскурситæ, ирон чъиритæ кæнынæй дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, амондзысты ирон кафт æмæ зард.
"Цæгат Ир цæттæ кæнынц традицион культурон-ахуырадон курсмæ. Сæрмагондæй арæзт у, фæсарæнты чи цæры, уыцы ирон адæмæн. Се хсæн - Ирландийы, Турчы æмæ Сирийы цæрджытæ. Курсы архайджытæн фадат уыдзæн ирон æвзаджы æмæ культурæйы рæсугъддæр миниуджытæ базонынæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Этнолагеры фыццаг фæлтæр кусдзæн 29-æм июлæй - 4-æм августы онг, дыккаг та - 5-æмæй - 11-æм августмæ.
Уый фæстæ та абалц кæндзысты Хуссар Ирыстонмæ.