Хъæцмæзты Фатимæ: комеди "Ӕз ус нæ курын" фæцыд кæсджыты зæрдæмæ

Режиссер, Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Хъæцмæзты Фатимæ радзырдта театралон сезоны фæуды тыххæй
Sputnik

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры театралон сезон æхгæд æрцыд ног комеди "Ӕз ус нæ курын"-æй. Ивгъуыд æнусы 70-æм æзты Годжысаты Исахъы фыст уацмыс æвæрæг-режиссер, Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Хъæцмæзты Фатимæ рацарæзта ныры дугмæ. 

"Сезон уыд тынг цыбыр, фæлæ дзы бирæ куыст æрцыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, спектакль у уарзондзинады тыххæй, бирæ ногдзинæдтæ дзы ис - æз мæхимæ хæс райстон цæмæй зарджытæ фыст æрцæуой къуыдайрагау", - загъта Хъæцмæзты Фатимæ.