Хуссар Иры МХМ кусджытӕ ацыдысты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ ХИПУ-йы

Милицийы кусджытӕн курсытӕ фыццаг хатт уагъд цӕуынц университеты бындурыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ райстой бӕлвырдгӕнӕн гӕххӕттытӕ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ ацӕуыны фӕдыл, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

ХИПУ ректор Тедеты Вадим раарфӕ кодта руагъдонтӕн ӕмӕ банысан кодта, ног зонындзинӕдтӕ сын кӕй баххуыс кӕндзысты ӕххӕст кӕнын сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

Хуссар Иры МХМ кусджытӕ ацыдысты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ ХИПУ-йы

МХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тадтаты Петр загъта бузныг ХИПУ къухдариуӕгад ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн, кӕцытӕ уагътой курсытӕ.

Тадтаты Петр бафтыдта, ахӕм курсытӕ фыццаг хатт кӕй уадзынц университеты бындурыл. Министры хӕдивӕг банысан кодта, ХИПУ ӕмӕ МХМ хсӕн ӕмархайд рахызт ног ӕмвӕзадмӕ.

Милицийы кусджытӕ рацыдысты лекциты курс уголовон ӕмӕ граждайнаг барадӕй 144 сахаты бӕрц.