Хуссар Иры министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕттӕ хыгъдлӕвӕрд ратдзысты хицауадӕн

Республикӕйы премьер-министр ӕрсидт ӕххӕстгӕнӕг органтӕм, цӕмӕй хуыздӕр ӕмгуыстад кӕной
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕттӕ ратдзысты хыгъдлӕвӕрдтӕ республикӕйы хицауадӕн сӕ куысты тыххӕй азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"Министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытӕ хъуамӕ радтой хыгъдлӕвӕрд сӕ куысты тыххӕй 2019 азы фыццаг хайы, цӕмӕй махӕн фадат уа басгарын сӕ архайд ӕмӕ снысан кӕнын дарддӕры къахдзӕфтӕ", - банысан кодта хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.

Пухаты Эрик бафтыдта, хицауад кӕй хъуамӕ координаци кӕна куыст ӕххӕстгӕнӕг органтимӕ. Пресс-службӕйы банысан кодтой, фыццаг хыгъдлӕвӕрд хицауады сӕрдарӕн кӕй ратдзӕн республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министрад къуырисӕры, 15 июлы.