Хуссар Иры минӕварад ӕмӕ Уырыссаг аивады музей бадзырдтой ӕмгуыстадыл

Бадзырд бафыссыны церемони ацыд ӕртыццӕджы Мӕскуыйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы бафыста ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Уырыссаг аивады музейимӕ, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг дипминӕварады пресс-службӕ.

Документ ӕртыццӕджы бафыстой республикӕйы минӕвар Мӕскуыйы Гасситы Знауыр ӕмӕ музейы директор Павел Булатов.

"Бадзырдмӕ гӕсгӕ сорганизаци кӕндзысты ӕмӕ ауадздзысты иумӕйаг мадзӕлттӕ, спопуляризаци кӕндзысты историкон ӕмӕ культурон потенциал, ауадздзысты иумӕйаг семинартӕ. Ӕмгуыстад райтынг уыдзӕн ӕндӕр фадгуыты дӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Бадзырды фӕлгӕтты ӕркастысты ӕмархайды программӕмӕ, се хсӕн ӕхсӕнадӕмон шахматон турнир ӕмӕ ӕндӕр культурон мадзӕлтты проектты арӕзтад.

Хуссар Иры минӕварад ӕмӕ Уырыссаг аивады музей бадзырдтой ӕмгуыстадыл